Top

(OSSETIAN) ოსური

ონლაინ დახმარება

 

Юридикон æххуысы куыстуат паддзахадон организаци у, кæцы ифтонг кæны æнæфидгæ юридикон æххуыс социалонæй æнæхъахъхъæд – æвæрæз æмбæстæгтæн. Куыстуат 2007 азы июлы мæйы конд æрцыд æмæ абонæн, юридикон æххуысы бюроты æмæ консултацион центрты фæрцы, Гуырдзыстоны зæгъæн ис æмæ æппæт территорийыл æххæссы.

Æнæфидгæ юридикон æххуыс нысан кæны ахæм лæггады, цахæм у:

  • Æнæфидгæ юридикон консултаци кæцыфæнды юридикон фарстæйыл; 
  • Юридикон документацийы (курдиат, æхсæны бацыд, æмæ æнд.) скæнын; 
  • Юридикон адвокаты лæггад тугтæрхонон (уголовон) процессы, аххосджыны, тæр­хонгонды  æмæ срастгонды тыххæй;  
  • Адвокатон лæггад æнæбарвæндонæй психиатрион æххуысы хъуыддæгтыл; 
  • Адвокаты лæггад ахæм административон закъонхалæг хъуыддагыл, кæцыйы фæ­сти­у­æгæн гæнæн ис æмæ ахст æрцæуа; 
  • Адвокаты лæггад уыцы аххосджынæн  æмæ тæрхонгондæн, кæцытæн рæстмæгæ­нæн уагдæтты уагъд цæуы дисциплинарон барзонад;  
  • Æхсæнадон адвокаты лæггад æмбæстагон æмæ административон тæрхоны бæрæг­гонд хъуыддæгтыл;  
  • Бæрнонад административон органы; 

Юридикон æххуысы куыстуат æнæфидгæ лæггадæй сифтонг кæндзæн бюроты, консултацион центрты æмæ æрхонгæ æхсæнадон адвокатты реестры фæрцы. 

 

Бæрнонад тæрхондоны 

Чи нымад цæуы æнæфидынхъомыл юридикон æххуысы нысæнттæн

Юридикон æххуысы куыстуаты æнæфидгæ адвокатон лæггадæй пайда кæнын йæ бон у уыцы аххосджынæн æмæ тæрхонгондæн, кæцы «социалонæй æнæхъахъхъæд бинонты бæрæггæнæнты иумæйаг базæйы» регистрацигонд бинонты уæнг у æмæ йæ рейтингон бал у 70 мин кæнæ къаддæр æмæ ма афтæ, бæрæг категорийы гоймæгтæн, 100 мин  кæнæ къаддæр.

Сæрмагонд цауты, куыстуаты директоры ‘рдыгæй æхсæнадон адвокат гæнæн ис нысангонд æрцæуа уыцы гоймагæн дæр, кæцы у æнæфидынхъом æмæ уæззау социалон-экономикон уавæртæй рацæугæ, æмæ бæлвырдгонд у документтæй, йæхæдæг нæ фиды адвокатон лæггады хæрдзты.

Æнæххæстаздзыдты хахъхъæнын

 2016 азы 01 январæй юридикон æххуысы куыстуат сифтонг кæндзæн æнæххæстаздзыд аххосджыны/тæрхонгонды, срастгонды æмæ зиан баййафæгы æнæфидгæ юридикон æххуысæй, æнæххæстаздзыд æвдисæн ацы бартæй спайда кæндзæн, кæд уый æнæфидынхъом у. Банысангонд барæй ма ноджы спайда кæндзысты 18-æй 21азмæ кары аххосджынтæ.

 Адвокат æнæмæнгхъæугæ уагæй нысангонд цæуы аххосджынæн:

  • Кæд æнæххæстаздзыд  у; 
  • Кæд нæ зоны тугтæрхонон (уголовон)  процессы æвзаг; 
  • Кæд ын ис физикон æмæ психикон аипп, кæцы йæ хъыг дары йæхи бахъахъ­хъæ­нынæн; 
  • Кæд рахастгонд у тæрхон (скъуыддзаг) тæрхондон-психиатрион экспертизæйы снысан кæныны тыххæй;
  • Кæд саразгæ архайды фæдыл Гуырдзыстоны тугтæрхонон (уголовон)  кодексæй  рагацау зындгонд у бæрндзинад æнæмгъуыдон цæрæнбоны ахæсты хуызы; 
  • Кæд уыимæ цæуы баныхас процессон  фидыд æрывæрды фæдыл; 
  • Кæд тугтæрхонон (уголовон) хъуыддаг æвзары ард хæрды тæрхонгæнджыты уаг­дон; 
  • Кæд йæхи иуварс кæны барадхъахъхъæнæг органмæ бацæуынæй; 
  • Кæд æй ракæндзæн тæрхондоны залæй; 
  • Кæд æнæидентифицирон гоймаг у; 
  • Гуырдзыстоны тугтæрхонон (уголовон) процессон кодексæй комкоммæ рагацау зынд­г­онд цауы.  

Юридикон æххуыс ахæстытæн

Ахæстоны кодексмæ гæсгæйæ, 2010 азы 1 октябрæй, æнæфидгæ юридикон æххуыс æнцонвадат сси уыцы аххосджынтæн æмæ тæрхонгондтæн, кæцытæн рæстмæгæ­нæн уагдæтты уагъд цæуы дисциплинарон барзонад.

Закъондæттынадæй бæлвырд цауы, дисциплинарон тæрхоны рахæсгæйæ, аххосджынæн­/тæр­хонгондæн лæвæрд цæуы бар спайда кæна тæлмацгæнæджы æмæ адвокаты лæггадæй. Фæлæ, кæд аххосджын/тæрхонгонд æнæфидынхъом у æмæ йын нæй фæрæз йæхи хардзæй æрхона хъахъхъæнæг, уæд ын æхсæнадон адвокат нысангонд æрцæудзæн.

Административон  барадхалыны хъуыддæгтæ

2011 азы 01 мартъийæ юридикон æххуысы куыстуат ифтонг кæны адвокатон лæггады уыцы административон барадхæлды хъуыддæгтæн, кæцытæн æфхæрды хуызæй расайдзæн ахæстоны йæ бакæнын.

Æнæбарвæндон психиатрон æххуыс 

2010 азы августæй юридикон æххуысы куыстуат æнæфидгæ адвокатон лæггадæй сифтонг кæндзæн кæд æмæ æнæбарвæндон псхиатрион æххуысы нысанæй гоймаджы стационармæ бакæныны кæнæ/та æмгъуыды адаргъдæры тыххæй хъуыддагмæ  æркæсдзæн тæрхондон.

Æмбæстагон æмæ административон хъуыддæгтæ

2015 азы 15 апрелæй юридикон æххуысы куыстуат æнæфидгæ адвокатон лæггадæй ифтонг кæны «юридикон æххуысы тыххæй» Гуырдзыстоны закъоны 231 статьяйæ рацæугæ, хъуыддаджы  вазыгджындзинад  æмæ нысаниуæгмæ гæсгæ, иугæр гоймаг æнæфидынхъом у æмбæстагон  æмæ административон барады  ахæм фарстæтыл:

  • Бинонты барадæй рацæугæ хъæстытæ (æмкъайады ахицæн, алименты фидын, æнæххæст­аз­дзы­д­ы­ интересты хъахъхъæнын æмæ æнд.);
  • Бындардзинады барадæй рацæугæ хъæстытæ;
  • Социалон æххуыс æмæ пенси; 
  • Лигъдæтты бартæ; 
  • Æнæниздзинады хъахъхъæнын æмæ пациенты бартæ; 
  • Ветеранты æмæ хæстон архæйдтыты фæмардуæвджыты бинонты социалон хъахъ­хъæд; 
  • Политикон репресситы амæттæгты социалон хъахъхъæд; 
  • Цыбыр фадæтты уæвæг гоймæгты социалон хъахъхъæд. 

Психосоциалон хъæугæдзинады уæвæг гоймæгты хъуыддæгтæ 

2015 азы 01 апрелæй  юридикон æххуыс ифтонг æрцæудзæн уыцы психосоциалон хъæугæдзинады уæвæг гоймæгтæн, кæцыты æххуыс  райсынæн нымады фарсты равзар­дзæн  тæрхондон. 

Бинонтæм тыхмидзинады амæттæгты хъахъхъæнын 

2015 азы 01 январæй юридикон æххуысы куыстуат сифтонг кæндзæн æнæфидынхъом   бинонтæм  тыхмидзинады амæттагæн æнæфидгæ адвокатон лæггадæй, кæд æмæ уый æркурдзæн адвокаты снысан кæнын.

Балæууæндоны (агъуыст) агурджыты хъахъхъæнын

2016 азы 01 январæй юридикон æххуысы куыстуат сифтонг кæндзæн адвокатон лæггады уыцы балæууæндоны агурджытæн, кæцыйы лигъдоны статусы кæнæ гуманитарон статусы раттыны, æруромыны кæнæ сæхгæныны кæнæ балæууæндоны раттыны фарстæимæ бастгонд хъаст дæр хъуамæ равзара тæрхондон æнæфидынхъоммæ æнæгæсгæйæ,      

Æмбæстагон æмæ административон хъуыддагыл адвокат нысангонд цæуы æнæмæнг уагæвæрдæй гоймагæн, кæд:

  • Æнæбарвæндонæй йын уагъд цæуы психиатрион æххуыс;
  • Æххуысы райсæг гоймагæн хъусынкæнинаг у; 
  • Балæууæндоны агурæг у;

Адвокаты рахицæн кæныны процедурæ 

  • Бенефициарæн йæ бон у туджы (уголовон), æмбæстагон æмæ административон тæрхоны хъуыддагыл æхсæнадон адвокаты æркурынæн курдиат бадæтта йæхæдæг юридикон æххуысы куыстуатмæ, хæстæджы, хионы кæнæ закъонон бæрноны æххуысæй. 
  • Ай тыххæй уый юридикон æххуысы бюройы хистæры/консултацион центры консултанты номыл хъуамæ ныффысса курдиат, цыран бæрæгæй равдисдзæн æхсæнадон адвокаты æнæмæнгдзинады. Кæнæ, хъуамæ фæнысан кæна уыцы социалон-экономикон уавæртæ, кæцы æвдисдзæн, цæмæй уымæн кæнæ уый æввахс хæстæгæн нæй адвокаты фæрæздзинад.
  • Æхсæнадон адвокат, хъуыддагмæ гæсгæ, нысангонд цæуы  æвæстиатæй курдиаты балæвæрдæй, иууыл фылдæр 2 боны æмгъуыдмæ.
  •  Æмбæстагон/административон барады хъуыддагыл адвокаты рахицæн кæнынæн хъуамæ уа æртæ разуавæры: гоймаг хъуамæ уа æнæфидынхъом, хъуыддаг хъуамæ уа вазыгджын æмæ нысаниуæгджын æмæ хъасты субект æвдиса юридикон æххуысы куыстуаты дискрецийы.
  •  Юридикон æххуысы куыстуат не снысан кæндзæни адвокаты, кæд гоймаг ныридæгæн пайда кæны æндæр адвокаты лæггадæй.

 

Юридикон консультаци 

Юридикон консультаци нысан кæны æнæфидгæ юристы уынаффæ кæцыфæнды фарстæйыл. Юридикон æххуысы куыстуаты консультаци  райсынæн исты документы бавдисын æнæмæнгхъæугæ нæу, фæлæ æххæст уынаффæйы райсынæн, хуыздæр уыдзæни, бавдыстгонд уа бенефициары тæрхоны проблемæтæм хаугæ документты. Юридикон æххуысы куыстуаты æнæфидгæ консультацийæ пайдакæнын кæцыфæнды гоймагæн йæ бон у. Консультацийы фæлгæтты, хъæугæдзинадмæ гæсгæйæ, гæнæн ис тæрхоны документты æрцæттæ кæнын дæр, фæлæ уый тыххæй гоймаг хъуамæ æххæст кæна æнæфидынхъомдзинады критеритæ.

Райсут онлайнконсультаци скайпы æмæ фейсбукы фæрцы.

  • Skype-ы: legalaid.ge
  • Facebook-ыл: www.facebook.com/legalaid.ge

 

Юридикон документты саразын 

Юридикон документты саразын нысан кæны алы хуызы документы (хъаст, дау, курдиат, æхсæны бацыд æмæ æнд.) саразын, кæцыйы æххуысæй гоймаджы фæнды йæ закъонон интересты административон органмæ, тæрхондоны æмæ æндæр æмæ æндæр организаци­мæ бавдиса.