Top

Бинонты ‘хсæн тыхмидзинад, амæттаг æмæ тыхмигæнæг – тыхмийæ бахъахъхъæныны барадон механизмтæ

ონლაინ დახმარება

 

Цы у бинонты ‘хсæн тыхмидзинад?

Бинонты ‘хсæн тыхмидзинад нысан кæны бинонты иу уæнгы ‘рдыгæй иннæйы конституцион барты æмæ сæрибардзинæдты халын физикон, психологион, экономикон, сексуалон тыхмийæ кæнæ тыхбахастæй.  

 

Тыхмидзинады  формæтæ сты:

Физикон тыхми: нæмын, хъизæмар, æнæниздзинадæн базнаггад кæнын, æнæзакъонон æрцахст кæнæ æндæр ахæм архайд, кæцы расайы физикон рыст æмæ удхары; æнæниздзинады уавæрмæ гæсгæйæ домынæдты æнæсæххæсткæнынад, кæцы расайы бинонты уæнджы æнæниздзинады базианы кæнæ мæлæты;

Психологион тыхми: бафхæрд, шантаж, æгаддзинад, æртхъирæн кæнæ æнæдæр исты ахæм архайд, кæцы адæймаджы сæрыстырдзинад дæлæмæ кæны;

Экономикон тыхми:  архайд, кæцы расайы хæринагæй, цæрæнуат æмæ нормалон рæзынады æндæр уавæртæй сифтонг кæныны, сæрмагонд исады æмæ куысты барадты æххæст кæныны, афтæ ма, æмсæрмагонд исады уæвæг мулкæй падакæныны æмæ æмбæлон хайыл бардзырды барæй арæн кæныны;

Сексуалон тыхми: æрдон бастдзинад тыхмийæ, тыхдзинадæй æртхъирæнимæ кæнæ амæттаджы æдыхдзинады спайдайæ; æрдон бастдзинад кæнæ сексуалон ахасты æндæр хуызы архайд кæнæ æнæуаг архайд æнæххæстаздзыды рдæм;

Тыхбахаст: адæймаджы физикон кæнæ психологион тыхбахаст, сæххæст кæна кæнæ ма сæххæст кæна архайды, кæцыйы саразын, кæнæ кæцыйæ йæхи аиуварс кæндзæн, йæ бар у, кæнæ йæхи сæрыл æнкъары, йæ фæндоны ныхмæдзинады уæлархайд, æндæвдад.

Æдзæстдарддзинад: ныййарæджы  кæнæ/та закъонон бæрноны рдыгæй сывæллоны физикон, психологион хъæугæдзинæдты æнæрайгонддзинад, базисон ахуырады барты арæн кæнын, тасдзинадæй æнæхъахъхъæд, райгуыды регистрацийы, медицинон æмæ æндæр лæггæдтæй пайдакæнынæн æнæмæнгхъæугæ архæйдтыты æнæсæххæстдзинад уæд, кæд æмæ ныййарæгæн кæнæ/та закъонон бæрнонæн ис аккаг информаци, гæнæндзинад æмæ йæ къух дæр æнцонæй æххæсы аккаг лæггæдтыл.

 

Чи нымад цæуы бинонты уæнгыл бинонты ‘хсæн тыхмийы рæстæджы?

Бинонты уæнгыл бинонты хсæн тыхмийы рæстæджы нымад цæуы, мад, фыд, нана, баба, дада, æмкъай, хъæбул, кæнгæ хъæбул, кæнгæ ныййарджытæ, дыккаг фыд, дыккаг мад, æфсин, хицау, æфсымæр, хо, хъæбулы хъæбул, æмкъайы ныййарджытæ, сиахс, чындз, раздæры æмкъай, æнæрегистрацигонд  æмкъайады уæвæг гоймæгтæ æмæ сæ бинонты уæнгтæ, æвджиддар (фарсхæцæг).

 

Чи гæнæн ис нымад æрцæуа бинонты ‘хсæн тыхмийы амæттагыл?

Амæттаг у бинонты уæнг, кæцы банкъардта физикон, психологион, сексуалон, экономикон тыхми кæнæ тыхбахаст, æмæ кæцыйæн амæттаджы статус  сбæрæг кодта Гуырдзыстоны мид­хъуыддæгты министрады аккаг куыстуат, тæрхондоны орган кæнæ/та бинонты ‘хсæн тыхмийы амæттаджы бæрæггæнæг къорд (амæттаджы идентификацийы къорд).

Бинонты ‘хсæн тыхмийы амæттаг у гоймаг, кæцымæ афтæ кæсы, цæмæй у амæттаг, æмæ кæцы хъуамæ амæттаджы статусы сбæрæг кæнæны нысанæй бадæтта курдиат аккаг органтæм/бинонты хсæн тыхмийы амæттаджы статусы бæрæггæнæг къордмæ (амæттаджы идентификацийы къордмæ).

 

Чи нымад цæуы  бинонты хсæн тыхмийы рæстæджы тыхмигæнæгыл?

 Тыхмигæнæг у бинонты уæнг, кæцы бинонты уæнгтæй иуырдæм æххæст кæны физикон,  психологион, экономикон, сексуалон тыхмийы кæнæ тыхбахасты.

 

Чи у хæсджын æмæ кæмæн ис æмбæлон органтæм бинонты ‘хсæн тыхмийы факты фæдыл фехъусын кæныны бар?

Хæсджын сты медицинон уагдæтты æмкусджытæ, æнæххæстаздзыды цауы – афтæ ма ахуырадон уагдæтты æмкусджытæ, æхсæнадон барады юридикон гоймаг – социалон лæггæдты агентады, æвджиддары æмæ аудындзинады органы барлæвæрд æмкусджытæ æмæ Гуырдзыстоны закъондæттынадæй æркастгонд æндæр субъекттæ

 

Бинонты ‘хсæн тыхмийы цауы тæрхондонмæ курдиат бадæттыны бар ис:

Амæттагæн, йæ бинонты уæнгæн, фæлæ æнæххæстаздзыды цауы – æвджиддар æмæ аудындзинады органæн. Афтæ ма амæттаджы разыдзинадæй уыцы гоймæгтæн, кæцытæ амæттагæн кæнынц медицинон. юридикон кæнæ/та психологион æххуыс.

 

Цы барадон хъахъхъæды механизмтæ ис бинонты ‘хсæн тыхмийы сбæрæг кæнын  æмæ скуынæг кæнынæн

 Бинонты ‘хсæн тыхмийы сбæрæг кæнын  æмæ скуынæг кæнынæн пайдагонд цæуы  тугтæрхоны барадон, æмбæстагон-барадон æмæ административон-барадон механизмтæ.

 

Бинонты ‘хсæн тыхмийы сбæрæг кæнын  æмæ скуынæг кæнынæн пайдагонд цæуы ахæм хуызы административон-барадон механизмтæ

Административон-барадон механизмтæ пайдагонд цæуынц, кæд барадхалын закъондæттынадмæ гæсгæ, нæ сайы тугтæрхоны бæрнонад æмæ йе скуынæг кæнын гæнæн ис административон барадхалджыты кодексы нормæтæм гæсгæйæ.

Гуырдзыстоны закъон, бинонты ‘хсæн тыхмийы фактыл оперативон реагир кæнынæн барлæвæрдон орган кæнæ гæсады гоймаджы ‘рдыгæй амæттæгты хъахъхъæныны æмæ тыхмидзинадæн бæрæггонд архæйдтыты арæнгонды ифтонг кæнынæн, рæстæгмæ мадзалы хуызæй, пайда кæны æрцахсыны ордерæй. 

Хъахъхъæнæг ордер у фыццаг инстанцийы тæрхондоны (тæрхонгæнæг) рдыгæй административон барадон уагдоны æгъдауæй ратгæ акт, кæцыйæ, бинонты ‘хсæн тыхмийы цауы, бæрæггонд цæуы тыхмийы амæттæгты хъахъхъæныны рæстæгмæ мадзæлттæй. Ацы мадзæлттæ пайдагонд нæ цæуынц уыцы цауы, кæд гоймаджы рдæм гом æрцыд уголовон хъуыддаг æмæ йын скуынæгы мадзалы  хуызы ис  ахæст.

 Æруромыны ордер у полицæйы барлæвæрдон гæсады гоймаджы рдыгæй ратгæ акт, кæцыйæ бæрæггонд цæуы бинонты хсæн тыхмийы цауы тыхмидзинады амæттæгты хъахъхъæнын рæстæгмæ мадзæлттæй æмæ кæцы, йæ раттынæй закъонæй сфидаргонд рæстæджы, 24 сахаты дæргъы, сбæлвырд кæнынæн бавдыст æрцæудзæн тæрхондоны.

 

Æруромæг æмæ хъахъхъæнæг ордерты ‘хсæн хицæндзинад ис ахæм:

Æруромæг ордеры полицæйы æмкусæг, комкоммæ, фактыл реагиры рæстæджы (конкретонæй тыхмийы факты рæстæджы полицæмæ адзургæйæ) ратдзæн æмæ йæ 24 сахаты дæргъы сбæлвырд кæнынæн бавдисдзæн тæрхондоны. Тæрхондон  бавдыстæй 24 сахаты дæргъы равзардзæн ордеры лæвæрды нысанæмрасты фарста æмæ аскъуыддзаг кæны йе сбæлвырдкæнын кæнæ йе сбæлвырдкæныныл нæй зæгъыны фæдыл.

Тæрхондон, барлæвæрд гоймаджы курдиаты райсынæй, 10 боны æмгъуыдмæ равзардзæн æмæ скъуыддзаг исы хъахъхъæнæг ордеры лæвæрды, аивды, архайды адаргъы кæнæ лæвæрдыл нæ зæгъыны тыххæй.

 Закъонмæ гæсгæ, хъахъхъæнæг ордеры лæвæрды æркурыны бар ис амæттагæн, афтæ ма уымæн йæ бинонты уæнгæн кæнæ гоймагæн, амæттаджы разыдзинадæй, кæцы амæттагæн медицинон, юридикон, психологион æххуыс кæны. Уый фæдыл ацы гоймæгтæ хъуамæ курдиат бадæттой тæрхондонмæ.

 

Цы æмгъуыдæй лæвæрд æрцæудзæн æруромæг æмæ хъахъхъæнæг ордертæ?

Хъахъхъæнæг ордер лæвæрд цæуы 6 мæйы æмгъуыдæй. Йæ архайды конкретон æмгъуыды бæрæг кæны тæрхондон. 

Хъахъхъæнæг ордеры  архайды æмгъуыды адаргъ кæныны гæнæн ис ордеры архайды периоды, æмæ уæлæмхасæй – иууыл фылдæр 3 мæйы, кæд ис тас амæттаджы кæнæ бинонты æндæр уæнгы рдæм.

Хъахъхъæнæг æмæ æруромæг ордерты архайд гæнæн ис ивд æрцæуа фæрсты бафидаугæйæ тæрхонгæнæджы аккаг скъуыддзагæй, тæрхондонæн фæрсты иумæйагон курдиаты бындурыл.   Фæрсты бафидыд нæ къуылымпы кæны хъахъхъæнæг æмæ æруромæг ордерты лæвæрды кæнæ нæ сайы лæвæрд хъахъхъæнæг æмæ æруромæг ордерты архайды аивды, кæд бинонты хсæн тыхмийы факт æгад кæны бинонты иннæ уæнгты, уæлдайдæр та æнæххæстаздзыды интерестæ.

Æруромæг ордер лæвæрд цæуы 1 мæйы æмгъуыдæй æмæ йæ бæлвырд кæны  кæнæ йæ бæлвырд кæныныл нæ зæгъы тæрхондон барлæвæрд гоймагæн курдиат бадæттынæй 24 сахаты дæргъы.

 

Цы хуызы æххуыстæй æмæ бартæй гæнæн ис спайда кæна амæттаг?

  • Амæттагæн бар ис райса компенсаци зиан райсты тыххæй; 
  • Спайда кæна агъуыстæй/кризисон центрæй; 
  • Спайда кæна юридикон æххуысы лæггадæй паддзахады хардзæй; 
  • Агъуысты/кризисон центры уæвынады рæстæджы, закъондæттынадæй фидаргонд уагæвæрдæй, афæдзы мидæг 30 боны спайда кæна куыстады æмахасты æруромыны барæй æмæ ма фесафа йæ куыст;   
  • Кæд амæттаг фæсарæйнаг у кæнæ йын нæй амы æмбæстондзинад, уæд йæ бон у æмæ курдиат бадæтта æмбæлон паддзахадон органтæм Гуырдзыстоны уæвыны рæстæгмæ цæрыны бар райсынæн;   

 

Цавæр бартæй ис гæнæн арæнгонд уа тыхмигæнæг лæвæрд хъахъхъæнæг ордерæй;

  • Амæттагмæ, кæнæ йæ хъахъхъæды бын уæвæг гоймагмæ æввахс бацæуын;  
  •  Æмсæрмагонды уæвæг исады къухдариуæг; 
  • Æнæххæстаздзыдимæ æмахастдзинад; 
  • Хæцæнгарз балхæнын, балхæдыл бар ссарын, уыдон æхсæн куыстуатон штатон хæцæнгарзæй пайдакæныны бар. 

 Гæнæн ис, ордеры дæтгæйæ æмрæстæджы уа алы хуызы арæндзинад. 

 

Бинонты ‘хсæн тыхмиæйы сбæрæгы æмæ скуынæг кæнынæн пайдагонд æрцæудзысты ахæм хуызы уголовон механизмтæ:

Уголовон механизмтæ пайдагонд цæуынц уыцы цауты, кæцытæ сты туджы тæрхоны фыдракæнды ахæм нысæнттæ, цахæмтæ сты: барæй лæгмард, буарæн барæй уæззау базиан кæнын; тыхæй ныхæцын; æнæзакъонæй ахæстоны бакæнын, над æмæ æндæр хуыз тыхми, кæцы расайдта æнæниздзинадæн серьезон пырхдзинад æмæ æндæр ахæм;

Афтæ ма бæрæггонд у уголовон бæрндзинад  хъахъхъæнæг кæнæ æруромæг ордертæм гæсгæйæ домындзинæдты кæнæ/та уавæрты сæххæст кæныны тыххæй.

 Гуырдзыстоны уголовон кодексы нысæнттæн бинонты уæнгыл нымад цæуы: æмкъай, мад, фыд, баба, нана, дада, хъæбул, кæнгæ хъæбул, кæнгæ ныййарджытæ, кæнгæ хъæбулы æмкъай, дыккаг мад, дыккаг фыд, æфсин, хицау, æвджиддар, хъæбулы хъæбул, хо, æфсымæр, æмкъайы ныййарджытæ, сиахс, чындз, ходыгъд, раздæры æмкъай, афтæ ма гоймæгтæ, кæцытæ æдзухæй кусынц иумæйагон бинонты хæдзарады.

 

Бинонты ‘хсæн тыхмийы сбæрæгкæнгæйæ æмæ скуынæг кæнынæн пайдагонд цæуы ахæм хуызы æмбæстагон барадон механизмтæ:

Æмбæстагон барадон механизмтæ пайдагонд цæуынц  бинонты хсæн тыхмийы фæстиуæгæн райсгæ материалон æмæ æнæ материалон зианы бафидынæн æмбæстагон закъондæттынадæй фидаргонд уагæвæрдæй. Сæрмагондæй,  гоймаг, кæцы æндæр гоймагæн закъоны ныхмæ, барæй кæнæ æнæ бафæдзæхсгæ архайдæй базиан кæндзæнис, хæсджын у бафида уымæн уыцы зианы.

 

Бинонты ‘хсæн тыхмийæ æнæххæстаздзыды хъахъхъæныны спецификон мадзæлттæ?

Æнæххæстаздзыды рдæм тыхмийы фæды уæвыны рæстæджы тæрхондонæн барлæвæрд ис рæстæгмæ мадзæлтты хуызы тыхмигæнæг ныййарæг/ныййарджытæй æнæххæстаздзыды рахицæн кæна. Æнæххæстаздзыды бæрноны бары фарстæйы æвзаргæйæ æркастгонд хъуамæ уа уыцы уавæр, цæмæй тыхмигæнæг ныййарджытæн бæрноны бары ныууадзын зиангæнæг у æнæххæстаздзыды интересты тыххæй. Æнæруадзгæ у ныййарджытæн æнæххæстаздзыдыл  йумæйагон æвджиддары ныууадзын, кæд æмæ ис уый æрдæм ныййарджытæй сæ иуы рдыгæй тыхмидзинады бындурон æнхъæлц.

Æнæххæстаздзыдæн 14 азы карæй бар ис, курдиат бадæтта тæрхондонмæ йæ барты æмæ закъонон интересты  бахъахъхъæныны тыххæй. Ацы цауы тæрхондон нысан кæны процессон бæрнонæн, æмæ равзардзæн хъуыддаг.   Æнæххæстаздзыд хъастгæнæгæн бар ис, ма сразы уа йæ процессон бæрнонимæ æмæ йæхæдæг бахъхъæна йæхи.  

Æнæруадзгæ у бинонты фыдракæндмæ гæсгæйæ æнæххæстаздзыд æвдисæны æмæ зиан райсæгыл фарста кæнын, афтæ ма хъахъхъæнæг кæнæ æруромæг ордеры ратгæйæ бинонты хсæн тыхмийы æнæххæстаздзыд амæттаджы фарста кæнын (уымæй æмбарынкæнынад райсын)  æнхъæлцон тыхмигæнæджы ныййарæджы (ныййарджыты) цур;   

 Æнæруадзгæ у уголовон процессы æнæххæстаздзыды закъонон бæрнонæн уыцы гоймаг бауадзын, кæцы æнхъæлцон тыхмигæнæг у, кæнæ интересты кофликты æндæр цауы; афтæ ма, уымæн (уыдонæн) æнæххæстаздзыды рдыгæй лæвæрд бавдыстимæ (фарста кæныны акт, æмбарынкæнынад) базонгæ кæнæ адæттын.

Æнæххæстаздзыды (сабийы) рдæм бинонты хсæн тыхмийы факты рабæрæгы (фыццаг хатты идентификацийы) æмæ ууыл реагир кæныны нысанæй æмбæлон  органтæм хæсджын сты  бадæттой курдиат: медицинон уагдонмæ, ахуырадон æмæ хъомыладон уагдæттæм, æхсæнадон тæрхоны юридикон гоймагмæ – социалон лæггæдты агентадмæ, æвджиддарон æмæ аудындзинады органмæ æмæ уыдон барлæвæрд æмкусджытæм.  

 

Амæттаджы тыхмигæнæгæй рахицæн кæнынæн цы фæрæзтæ ис?

Бинонты хсæн тыхмийы амæттагæн паддзахады рдыгæй ифтонггонд у паддзахадон агъуыстæй, цыран цæуы амæттаджы психологион-социалон реабилитаци, юридикон æмæ медицинон æххуыс.

Ис ма кризисон центр – бинонты ‘хсæн тыхмийы æнхъæлцон амæттæгты æмæ амæттæгты рæстæгмæ æрбынатгæнæн бынат, кæцы лæггад кæны психологион-социалон реаби­литацийæн, фыццагхаттæн æмæ æнæаргъæвгæ медицинон лæггады æмæ барадон æххуыс.

Афтæ ма, гæнæн ис амæттаджы йæ цæрæн бынатыл рæстæгмæ ныууадзын æмæ тыхми­гæнæджы аиуварс кæнын ацы цæрæнуатæй уыцы цауы дæр, кæд æмæ ацы цæрæнуат тыхмигæнæджы сæрмагонд исад у.

Кæд сымах стут бинонты ‘хсæн тыхмийы амæттаг кæнæ зонут информаци бинонты ‘хсæн тыхмидзинады фæдыл, курæг стæм, 24 сахаты дæргъы æрбадзурат ГАЮГ адæймæгтæй базаркæныны (трефикинг) амæттæгты, зиан райсджыты хъахъ­хъæныны æмæ æххуысы паддзахадон фонды хæдзармæ  тыхмийы амæттæгты консултацион тæвд хаххы номырыл: +995 32 116 006 кæнæ 112