Top

Бындардзинад

ონლაინ დახმარება

 

Куыд æрцæуы амæлæг гоймаджы (быныхицауы) сæрмагонды уæвæг исады ахызт æндæр гоймагыл (бындайрæгтыл)?   

Уæвы бандардзинады райсыны дыууæ хуыз: закъонæй бындардзинад æмæ фæдзæхстæй бындардзинад. Амæ гæсгæйæ, амæлæджы (быныхицауы) исады бындариуæгæй æндæр гоймагыл (бындайрæгтыл) ахизын æххæст цæуы закъонæй кæнæ фæдзæхстæй, кæнæ та дыууæйы бындурыл. 

 

Чи ис гæнæн æмæ уой бындайрæгтæ? 

Закъонæй бындардзинады рæстæджы бындайрæгтæ гæнæн ис æмæ уой: гоймæгтæ, кæцытæ удæгас уыдысты бындардзинады хицауы мæлæты моментмæ, æмæ афтæ ноджы, бындардзинады хицауы хъæбултæ, кæцытæ йæ амæлæты фæстæ удæгасæй райгуырдысты.      

Фæдзæхстæй бындардзинады рæстæджы бындайрæгтæ гæнæн ис æмæ уой: гоймæгтæ, кæцытæ удæгас уыдысты бындардзинады хицауы мæлæты моментмæ, афтæ ноджы уыдон, кæцытæ уыдысты гуыбыны удæгас ма куы уыд æмæ райгуырдысты йæ амæлæты фæстæ (уымæ нæкæсгæйæ, йæ хъæбултæ сты уыдон æви нæ), афтæ ноджы юридикон гоймæгтæ. 

 

Цы нысан кæны закъонæй бындардзинад?  

Закъонæй бындардзинады рæстæджы закъон йæхæдæг регулироват кæны, кæмæн хъуамæ баззайа амæлæджы (быныхицауы) исад æмæ цас бæрцадæй. Ацы рæстæджы уæвы бындайрæгты фæткдзинады принцип (æдыппæт фондз фæтк), кæцы нысан кæны уый, цæмæй раззаг фæткы суанг сæ иу бындайраджы уæвынад рацух кæндзæн  йæ фæстæ фæткы бындардзинады.

 

Чи сты закъонæй бындайрæгтæ?  

Закъонæй бындайрæгтæм фæткмæ гæсгæйæ хауынц:  

I фæткмæ – амæлæджы хъæбултæ, хъæбул, кæцы йæ амæлæты фæстæ райгуырдис, æмкъай, ныййарджытæ, (кæнгæ ныййарджытæ). 

Æнæчындзæхсæвæй гуырд сывæллон фыды бындайрагыл нымад æрцæудзæни, кæд фыдиуæг нымад у закъонæй фидаргонд уагмæ гæсгæ.

 Кæнгæ хъæбултæ æмæ йæ байзæддæгтæ, куыд кæнгæ ныййарæджы кæнæ йæ хæстæ­джыты бындайрæгтæ, æмбар сты кæнгæ ныййарæджы хъæбултимæ æмæ уыдоны байзæддæгтимæ. Кæнгæ хъæбулмæ нал хауы закъонæй бындайрагæн йæ ныййарджыты æмæ æндæр биологион хæстæджыты, ноджы ма, хоты æмæ æфсымæрты мæлæты фæстæ.

Хъæбулы хъæбулты, хъæбулхъæбулы хъæбулты æмæ ацы фæстагæтты хъæбулты закъонæй бындай­рæгтыл банымайдзысты, кæд бындардзинады байгомы рæстæджы удæгас нал у сæ ныййарæг, кæцы исады хицауы бындайраг хъуамæ уыдаид, æмæ æмхуызонбæрцæй исынц  уыцы хайы, кæцы закъонæй бындардзинады рæстæджы сæ амæлæг ныййарæгмæ хаудта.

Хъæбулы хъæбултæ, хъæбулхъæбулы хъæбултæ æмæ ацы фæстагæтты хъæбултæ не суыдзысты бындайрæгтæ, кæд æмæ уыдоны ныййарджытæ нæй зæгътой исады райсыныл.  Кæнгæхъæбул æмæ йæ хæстæджытæ, куыд кæнгæхъæбулы æмæ уый байзæддаджы бындайрæгтæ, æмбар сты кæнгæхъæбулы ныййарджыты æмæ æндæр биологион хæстæджытимæ. Кæнгæхъæбулы ныййарджытæн, се ‘ндæр биологион хæстæджытæм, хо-æфсымæртæм нал хауы закъонæй бындардзинад кæнгæхъæбулы кæнæ уый байзæддæгты амæлæты фæстæ.

II фæткмæ – амæлæджы хо, æфсымæр, хойы хъæбул æмæ æфсымæры хъæбул уыцы цауы, кæд йæ ныййарæг удæгас нал ис быныхицауы амæлæты агъоммæ.

III фæткмæ – нана, баба, нанайы мад-фыд, бабайы мад-фыд, куыд мады, афтæ фыды рдыгæй; нанайы мад-фыд æмæ бабайы мад-фыд закъонæй бындайрæгтыл нымад цæуынц, кæд исады байгомы рæстæджы нана æмæ баба удæгас нал сты.

IV фæткмæ – фыды фсымæртæ, мады фсымæртæ, мады хотæ, фыды хотæ; 

V фæткмæ – фыды фсымæры хъæбултæ, мады фсымæры хъæбултæ, мадыхойы хъæбултæ, фыды хойы хъæбултæ. Фæлæ кæд уыдон фæстагуæттæ не сты, уæд уыдоны хъæбултæ.

 

Куыд дихгонд цæуы амæлæджы (быныхицауы) исад, уый фæстæ – бындарон исад  закъонæй бындайрæгты фæткты?

Исады иу фæткы бындайрæгты ‘хсæн дихгонд цæуы æмхуызон. Ацы рæстæджы бындай­рæгты барты ‘хсæн нæй хицæндзинад бындарон исадмæ гæсгæйæ.  Бындайрæгты ‘хсæны исады адих кæныныл æнæразыдзинады цауы хъаст скъуыддзаг кæны тæрхондон.

 

Цы нысан кæны фæдзæхстæй бындардзинад? 

Фæдзæхстæй бындардзинады рæстæджы, закъонæй бындайрагæй хицæнгæнгæйæ, амæлæг гоймагæн (быныхицауæн) развæлгъау фæдзæхсты фыстæй у бæрæггонд, кæмæн баз­зайдзæн æмæ цас бæрцадæй йæ исад.

 Фæдзæхсты фæрцы быныхицауæн йæ бон у йæ исад адæтта, куыд закъонæй бындарæн, афтæ кæцыфæнды æндæр æнæхæстæг гоймагæн, се ‘хсæн юридикон (организаци, уагдон) гоймагæн.

 Кæд фæдзæхстæй æнæхъæн бындарон исад дихгонд уыд фæдзæхстæй бындайрæгты ‘хсæн, фæлæ дзы иу бындайраг исады байгомы рæстæджы удæгас нал уыди, уæд закъонæй уый исады хай дихгонд æрцæудзæн иннæ фæдзæхстæй бындайрæгтæн æмхуызонæй.

 

Цы у æнæмæнг хай? 

Фæдзæхстæй бындардзинады цауы фыццаг фæткы уагæвæрдæй бындайрæгтæ райсдзысты æнæмæнг хайы быныхицауы исадæй. 

Æнæмæнг хай у, уыцы исады æмбис, кæцыйы райстаид фыццаг фæткы бындар, фæдзæхст куы нæ уыдиат уæд.

 

Цы цауы æрцæуы æмрæстæджы закъонæй æмæ фæдзæхстæй бындардзинад?

Уыцы цауы, фæдзæхст фыст куы уа бындарон исады æрмæст йе мбисыл кæнæ/та фæдзæхст тæрхондоны рдыгæй   иу хайæ зындгонд у æнæхъомыс. Исады уыцы хайыл, кæцыйы кой фæдзæхсты нæй кæнæ/та фæдзæхст тæрхондоны рдыгæй иу хайæ æнæ­хъомысæй зындгонд у, парахат кæны закъонæй бындардзинад.

 

Фаг у æви нæ фæдзæхсты уæвынад кæнæ закъонæй бындардзинад уымæн, цæмæй амæлæджы (быныхицауы) исад ахиза бындармæ?

Нæ. Уый тыххæй, цæмæй  амæлæджы (быныхицауы) исад ахиза бындармæ, хъæугæ у бындар исады райса закъонæй фидаргонд æгъдау æмæ уавæртæй, быныхицауы амæлæтæй æхсæз мæйы æмгъуыдмæ.

 

Кæд нымад цæуы бындарон исад райстыл?

Бындары рдыгæй исад райстыл нымад цæуы уымæй фæстæмæ, бындайраг куы (уыдзæн кæнæ фæдзæхстæй, кæнæ закъонæй бындар) бахæсдзæн курдиат бындардзинады райсыны фæдыл кæцыфæнды нотариалон бюромæ æмæ райсдзæн бындарон исады æвдисæндар.

Бындарон исад райстыл нымад цæуы исады фактивон хицауæй куы уа кæнæ къухдари­уæгæй дæр, кæцы бæлвырд кæны, цæмæй бындайраг бындарон исад райста.

 Æнæкомпетентон æмæ арæнгондархайдхъомджын гоймæгтæ бындарад исынц сæхи закъонон минæвары фæрцы, фæлæ æххуысы райсæг гоймæгтæ фарс рахæцыны æххуысæй, кæд уымæн тæрхондоны скъуыддзагæй фарсхæцын исадон барты сæххæст кæнынæн  ис уагæвæрд.

 

Цы нысан кæны фактивон хицау кæнæ хицауиуæг æмæ куыд æрцæуы ахæм рæстæджы бындарон исады райсын?

Исады фактивон хицау гæнæн ис æндæр æмæ æндæр фæндагæй æххæст æрцæуа. Сæрмагондæй, ахæ у быныхицауы амæлæты фæстæ бындары цард уыцы цæрæн хæдзары (кæцы хъуамæ бæлвырдгонд цæуа паддзахадон сервисты рæзынады агентады рдыгæй лæвæрд æвдисæндарæй),  кæцыйы быныхицау цардис, афтæ ма быныхицауы дзаумæтты ахæссын (быныхицауы амæлæтæй æхсæз мæйы æмгъуыдмæ) æмæ нывæрын йæхимæ, цæмæй уый фæстæ адих уа бындайрæгты хсæн (сæ уæвынады цауы).

Исады фактивон хицауиуæджы дзырд цæуы ахæм цаутыл, бындар фактивонæй куы нæ вæййы хицау ацы исадæн, фæлæ йæ ахайдтытæй бæлвырд цæуы, æмæ исады йæхиуыл нымайы. Зæгъæм, бындарон исады бакæныны фæстæ фиды налогтæ æмæ а. д.

 Куыд исады фактивон хицауы, афтæ фактивон хицауиуæгы цауы бындарæн йæ бон у æмæ курдиат бадæтта нотариусмæ æмæ æркура исады райсын. Ахæм типы бындардзинады рæстæджы исады райсынæн æрæвæрд æмгъуыдтæ нæ уæвы, уымæн æмæ нысан кæны, цæмæй исад бындары рдыгæй æнæуи дæр райстгонд у æмæ бындарон исады райсынæн нотариусмæ бацæуын æмæ йын официалон хуыз раттын æрмæст бындары фæндонмæ гæсгæ у.

 

Цы æмгъуыдмæ хъуамæ æрцæуа истгонд бындарон исад æмæ цы гæнæн ис расайа ацы æмгъуыды фехæлд?

Бындарон исад истгонд хъуамæ æрцæуа исады бакæныны бонæй æхсæз мæйы дæргъы. Бындайраг, кæцы ацы æмгъуыдмæ йæ хъус не рдардзæн æмæ йæ нæ бахъахъхъæндзæн, гæнæн ис фесафа бындарон исады райсыны бар!!!

 Кæд бындар арæнгондархайдхъомджын кæнæ фарсхæцыны райсæг у, исады райсыныл нæ зæгъын гæнæн ис тæрхондоны барлæвæрдæй.

 

 Гæнæн ис æви нæ бындарон исады райсыны æмгъуыды адаргъ кæнын æмæ цахæм цауы?

Бындарон исады райсыны æмгъуыдæй ахызты фæстæ бындайраг, кæцы ацы æмгъуыд рауагъта, гæнæн ис уæддæр  райса бындарад, кæд ауыл разы уыдзæн исады райсæг алы бындар.

 Исады райсыны æмгъуыд гæнæн ис адаргъ кæна тæрхондон дæр, кæд æмгъуыды аивгъуыды аххосаг райсинаг  æфсоныл уыдзæн нымад.

 

Куыд цæуы тæрхондонмæ курдиат бадæттын бындарон исады райсыны фæдыл æрæвæрд æмгъуыды адаргъ кæнынæн?

Тæрхондонмæ  хъаст курдиатæй хъуамæ бадæтта бындар, кæцы ауагъта исады райсынæн закъонæй æрæвæрд æхсæзмæйон æмгъуыд æмæ фактивонæй исады хицау не сси . Хъаст курдиаты хъастгæнæг кæнæ йæ бæрнон, хъуамæ ныффыса  æмгъуыды аивгъуыды айсинаг æфсоны æмæ æркура ивгъуыд æмгъуыды райсинаг  æфсоныл банымайа кæнæ/та йæ адаргъ кæнын. Ацы рæстæджы дзуаппæн хъуыддаджы æвæрд цæуы бындарон исады райсæг уыцы бындайраг, кæцы хъаст æркурыны ныхмæ у.    

Исады райсыныл нæ зæгъыны тыххæй курдиат хъуамæ фыст æрцæуа нотариусон бюройы.

Тæрхондонмæ бадæттыны паддзахадон налог фидинаг уыдæн закъондæттынадмæ гæсгæйæ. (исады æргъады 3%, исады æргъад æрæвæрд хъуамæ уа аудиты скъуыддзагæй). 

 

Цы у бындарон исады æвдисæндар?

Бындарон исады æвдисæндар у нотариусы акт, бындардзинадæй райсгæ исады бæлвырдгæнæг документ. Уый тыххæй æмæ, цæмæй бындарон исады æвдисæндары амындгонд æнæзмæлгæ мулк гоймаджы сæрмагондыл нымад æрцæуа, хъæуы йæ регистраци скæнын  æхсæнадон реестры кæцыфæнды национ агентады кæнæ юстицийы хæдзары исады бынатæвæрдмæ гæсгæйæ.

 

 Цы æмгъуыдмæ лæвæрд æрцæудзæн бындарон исады æвдисæндар?

Бындарон исады æвдисæндар лæвæрд цæуы бындартæн бындарон исады байгомы бонæй æхсæз мæйы æмгъуыды аивгъуыды фæстæ кæдфæнды рæстæджы дæр. 

Æхсæз мæйæ раздæр бындарон исады æвдисæндар лæвæрд æрцæудзæни уыцы цауы, кæд нотариалон органæн (нотариусæн) уыдзæн ахæм гæххæтт, цæмæй æвдисæндары æркурæг гоймагæй дарддæр, æндæр бындар ничи ис.  

 

Куыд гом цæуы бындарон исад хæдзары?

Хæдзары бинонты иумæйаг исадыл бындарон исад байгом уыдзæн бинонты фæстаг уæнгы амæлæты бонæй.

 

Бындар хæсджын у æви нæ бафида быныхицауы кредитортæн (хæсджынтæн)?

Бындар хæсджын у бафида быныхицауы кредитортæн (бафида сын хæстæ) райсгæ бындарон исады фæлгæтты?