Top

Æнæзмæлгæ мулкы æлхæды æмæ æндæрæн раттыны æгъдау

ონლაინ დახმარება

 

Цы у æнæзмæлгæ дзаума (мулк)?

Æнæзмæлгæ дзауматæм хауы зæххы фадыг йæ хуылфимæ, зæххыл æрзайгæ зайæгойтæ, афтæма бæстыхай, агъуыст, кæцытæ фидарæй лæууынц зæххыл.    

 

Куыд æрцæуы æнæзмæлгæ дзаумайыл барады фæзынад?

Æнæзмæлгæ дзаумайыл барады фæзынды бындур у:

  • Æлхæды бадзырд; 
  • Лæвары бадзырд; 
  • Баивыны бадзырд; 
  •  Приватизаци; 
  • Бындарон исады æвдисæндар; 
  • Зæххы фадыгыл æмæ ууыл уæвæг бæстыхæйттыл, сæрмагонды барады расидын æмæ æнд. 

 

Кæм æххæст цæуы æнæзмæлгæ мулкыл сæрмагонды барады регистраци?

Æнæзмæлгæ мулкыл сæрмагонды барады регистрацийы æххæст кæны Гуырдзыстоны юстицийы министрады æхсæнадон реестры национ агентады территориалон регистрацион куыстуат.  

 

Цы документтæ сты хъæугæ æхсæнадон реестры агентады æнæзмæлгæ мулкыл бары регистрацийæн?

  • Курдиат;
  • Курдиатбадæттæджы гоймагон бæлывырдгæнæн документы (гоймагон бæлвырд­гæнæны, паспорты, биноныг цардкæныны бæлвырдгæнæны кæнæ æнд.) къопи;
  •  Барады бæлвырдгæнæн гæххæтт (æлхæды бадзырд, лæвагæнæны бадзырд, ивыны бадзырд, приватизаци, бындарон мулкы æвдисæндар, зæххы фадыгыл сæрмагонд исады барады расидыны цауы, æмбæлон къамисы рдыгæй райсгæ административон акт, техникон хыгъды архивырдыгæй лæвæрд зонæнтæ-характеристикæ раттын, инвентаризационплан æмæ æнд.);
  • Кадастровон сбарыны хаххныв;
  •  Регистрацион лæггæдты аргъы бафидыны бæлвырдгæнæн квитанци;
  •  Гуырдзыстоны экономикон рæзынады министрады рдыгæй ауадзгæ приватизацийы цаумæ гæсгæйæ территориалон  органы рдыгæй ратгæ зæххы æмæ æндæр æнæзмæлгæ исады (комкоммæ ауæй кæныны, специалон кæнæ та гом аукционы формæйæ) балхæды бæлвырдгæнæн акт æмæ æнд.

Курдиатимæ ма ноджы гæнæн ис æфтыд уа æндæр документтæ дæр, кæцытæн фарсты аскъуыддзаг кæныны рæстæджы  гæнæн ис уа бæрæг нысаниуæг. 

 

Цавæр формæйы бадзырд у хъæугæ æнæзмæлгæ дзаумæйыл бар фæзынынæн?

Æнæзмæлгæ дзаумæйыл бар фæзыныны тыххæй æнæмæнгхъæугæ у бадзырды фысгæ формæйы бахъахъхъæнын, кæцыйыл фæрсты рдыгæй арæзтгонд къухфысты æцæгады бæлвырд кæны æхсæнадон реестры аккаг регистрацион куыстуаты барлæвæрдон гоймаг кæнæ нотариус, æмæ уый регистраци æхсæнадон реестры.

 

Кæмæ хауынц æнæзмæлгæ дзаумайы уæйкæныны хæрдзтæ?

 Зæххы фадыгы æмæ æндæр æнæзмæлгæ мулкы уæйгæнæгмæ хауы æлхæды бадзырды саформит кæнын, æхсæнадон реестры регистрацийы ауадзын æмæ ай тыххæй хъæугæ документты бавдысты хæрдзтæ.

 Фæрстæн сæ бон у баныхас кæной иумæ æмæ фæивой уæлдæр фæнысангонд уавæры.

 

Цы æмгъуыды æрцæуы æнæзмæлгæ мулкы (исады) регистраци æмæ цы суммæ ис уый тыххæй бафидинаг?

Æнæзмæлгæ мулкы (исады) регистраци æрцæуы курдиаты бахæссынæй 4 боны æмгъуыдмæ. Регистрацийæн бафидинаг аргъ у 50 ларийы.

Хъæууон-хæдзарадон нысангонды зæххы фадыгыл сæрмагонд исады бары фыццагхатт регистраци æхсæнадон реестры æрцæуы æнæфидгæйæ, Гуырдзыстоны хицауады 2012 азы 28 июны №231 скъуыддзагмæ гæсгæйæ.