Top

Гоймаджы æххуысы райсæг хисæрмагонд зонæнтæ

ონლაინ დახმარება

 

Цы цауы гæнæн ис уа гоймаг æххуысы райсынæн зындгонд?

Æххуысы райсæг у уыцы гоймаг, кæцыйæн ис фидар психикон, зонды/интеллектон хæццæдзинад; ацы хæццæдзинæдты æндæр æмæ æндæр къуылымпыдзинæдтимæ æмархайдæй гæнæн ис бахъыгдара æхсæнадон царды ацы гоймаджы æххæст æмæ эфективон хайадисын иннæтимæ æмхуызон уавæрты;    

 

Цы сферæты гæнæн ис æмæ нысангонд æрцæуа гоймагæн æххуыс?

Гоймагæн æххуыс гæнæн ис нысангонд æрцæуа фæллойадон куысты, амалиуæгон куысты, æнæзмæлгæ исадыл къухдариуæг, цæрæн бынаты сбæрæг кæныны, хоскæныныл разыдзинады равдисыны, уымæн базианы сæрæй аиуварс кæныны нысанæй æмæ æндæр барты æмæ хæсдзинæдты сæххæст кæнынæн, кæцыты бæрæг кæны  тæрхондон  индивидуалон аргълæвæрды бындурыл.

 

Кæцы орган нымайы гоймагæн æххуысы райсын  æмæ йын нысан кæны æххуыс?

Гоймагæн æххуысы райсын нымайы æмæ йын æххуыс нысан кæны тæрхондон, æххуысæн нымад гоймаджы цæрæн бынатмæ гæсгæйæ, æрмæст кæд ацы гоймаг  хосгæнæн уагдоны ис хоскæнынмæ, - хосгæнæн уагдоны бынатмæ гæсгæйæ.

 

Чи ис гæнæн æмæ курдиат бадæтта тæрхондонмæ гоймаджы æххуысы райсæгыл нымады тыххæй?

  • Йæхæдæг æххуысыл нымад уæнг;
  • Æххуысæн нымад гоймаджы уæнг; 
  • Æххуысæн нымад гоймаджы закъонон бæрнон;  
  •  Æвджиддары æмæ аудæгдзинады орган;
  •  Психиатрон кæнæ специализацион уагдон, кæд гоймаг ацы уагдоны уæвы;

 

Цы докуметтæ хъуамæ уой бавдыст тæрхондонмæ гоймаджы æххуысы райсæгæн зонæны тыххæй?

Гоймаджы æххуысы райсæгæн зонæны  æмæ æххуысы снысан кæныны тыххæй интересгæнæг гоймаг тæрхондонмæ хъуамæ курдиат бадæтта.

 

Ис æви нæ паддзахадон илци æмæ æндæр хæрдзтæ фидинаг тæрхондоны æххуысы фæдыл?

Гоймаджы æххуысы райсынæн зонæны тыххæй хъуыддаг æвзарыны тыххæй, тæрхондоны паддзахадон илци æмæ æндæр хæрдзтæ фидинаг не сты.

 

Æнæмæнгхъуыддаг у æви нæ адвокаты хайадисын гоймаджы æххуысы райсæгæн  нымайгæ?

 Гоймагæн кæцыйы æххуысы райсæгæн нымады фарста дæр æвзæрст уæцдзæн тæрхондоны, хъуамæ йын уа адвокат.

Æххуысæн нымаинаг гоймагæн, адвокат паддзахады хардзæй нысангонд цæуы тæрхондоны скъуыддзаджы бындурыл кæнæ курдиатбадæттæджы æххуысæн нымаинаг гоймаджы курдиаты бындурыл юридикон æххуысы куыстуатæй.

 

Чи хъуамæ ауадза эксперизæ?

  • Æххуысæн нымаинаг гоймагæн эксперизæ уадзы АÆЮГ – Леуан Самхараулийы номыл тæрхондон экспертизæйы национ бюро, тæрхондонмæ курдиат (скъуыддзаг) бадæттыны бындурыл.  
  • Экспертиза уагъд цæуы йæхæдæг экспертизæйы бюройы, курдиат бадæттæджы/­æххуысæн нымаинаг гоймаджы æхсæныбацыды бындурыл; кæд фёрёз нæ уыдзæн гоймаджы экспертизæйы бюромæ бакæнын, тæрхондон экспертизæйы ауадзыны бынатæн банымайа æххуысæн нымаинаг гоймаджы бынат.
  •  Нысангонд экспертизæ уагъд цæуы паддзахады хардзæй, кæцы уый нысан кæны, æмæ курдиатбадæттæг/æххуысæн нымаинаг гоймаг сæрибаргонд у экспертизæйы хæрдзтæй.

 

Цы æмгъуыдæй нысан цæуы гоймагæн æххуыс?  

Закъонæй рагацау бæрæггонд æмгъуыдтæ нæй, фæлæ кæцыфæнды æмгъуыдæй снысан кæныны цауы, тæрхондоны рдыгæй бæлвырд цæуы йæ басгарыны периоддзтнад, кæцы ма хъуамæ уа фылдæр 5 азæй;

 

Гæнæн ис æви нæ æххуысы фескъуынын?

Гæнæн ис:

  • Кæд æххуысы расæг мард у (ахæм цауы скъуыддзаг исы æвджиддары æмæ аудæгдзинады орган)
  •  Кæд аххосаг, кæцымæ гæсгæ æххуыс фидаргонд æрцыд, нал уæвы (ахæм цауы скъуыддзаг исы тæрхондон).

 

Чи ис гæнæн нысангонд æрцæуа æххуысæн зындгонд гоймаджы æххуысгæнæгæй?

Æхуысгæнæгæй гæнæн ис нысангонд æрцæуа æххуысæн нымаинаг гоймаджы бинонты уæнг, хæстæг, æввахс-хион кæнæ специалист, кæцы æххæст кæны закъонæй æвæрд домынæдты.

 

Чи нæй гæнæн æмæ уа æххуысгæнæг (æххуысы къуылымпыгæнæг уавæртæ)?

  • Гоймаг, кæцыйыл 18 азы нæма цæуы;
  •  Гоймаг, кæцыйы тæрхондон æххуысы райсæгыл банымадта;
  •  Гоймаг, кæцыйæн ныййарæджы бар ист у;
  •  Гоймаг, кæцы æвджиддары, аудæгдзинады кæнæ æххуысы хæсдзинæдтæй сæрибар у уымæ гæсгæ æмæ сæ рæстæгыл не æххæст кодта.

(Фиппаинаг: æххуысы къуылымпыгæнæг уавæрты рæстæджы æвдисæндар райсыны гæнæдзинад ис социалон лæггæдты агентады).

 

Цы хæсдзинæдтæ ис æххусгæнæгæн, æххус кæнынæн нымад гоймаджы ‘рдæм?

Æххусгæнæг хæсджын у:

  • Йæ цæст дара æххуысы райсæгы æдзухон медицинон лæггадмæ;
  •  Сбæлвырд кæна уый фæндон æмæ йын баххуыс кæна уымæн аккаг скъуыддзаг райсыны;
  •  Хæсджын у æвджиддары æмæ аудæгдзинады органы рдыгæй бæрæггонд æмгъуыды, кæцы 6 мæйæ ма хъуамæ ахиза, нысангонд органмæ хъуамæ бадæтта тæрхондоны аскъуыддзагæй уымæн бæрæггонд хæсты сæххæст кæныны тыххæй информацийы;
  •  Хæсджын у тæрхондонмæ æвæстиатæй бадæтта æхсæныбацыдæй æххуысы фæлгæтты фæивыны тыххæй;
  •  Æххуысгæнæг хæсджын у тæрхондонмæ æвæстиатæй курдиат бадæтта  æхсæныбацыдæй æххуысы фæлгæтты фæивыны/æххуысы сæхгæныны тыххæй, кæд æмæ нал уыдзæн кæнæ фæивта уцы бындур, кæцымæ гæсгæ æххуысы райсæгæн æххуыс раттой, уыцы цауæй дарддæр, æххуысы райсæг кæнæ æвджиддар æмæ аудæг орган тæрхондонмæ куы бадæттой.

 

Чи контоль кæны æххуысгæнæгы хъуыдддагдзинад?

Æвджиддары æмæ аудæгы орган æххуысы райсыны цæрæн бынатмæ гæсгæйæ. Цæстдарды нысан у æххуысгæнæджы рдыгæй тæрхондоны скъуыддзагæй æмæ Гуырдзыстоны закъондæттынадæй уыдонæн бæрæггонд хæсдзинæдты сæххæст кæныны контроль, æххуысы райсыны фæлтæрдты рæзынадæн аргъ кæнын æмæ æмбæлон  аргъдзинад æмæ реагирдзинад.

 

Цы у рæстæгмæ æххуыс?

Тæрхондон барлæвæрд у курдиат бадæттæджы домынады бындурыл, хъуыддаджы кондады фæудмæ,   цалынмæ хъуыддагыл фæстагон скъуыддзаг ист не рцæудзæн, уæдмæ уал снысан кæнæд рæстæгмæ æххуысгæнæг, кæд æм афтæ кæсы, æмæ уыцы гоймагæн, кæцыйы æххуысы райсынæн нымадмæ райсыны фарста дæр æвзæрст æрцæудзæн, гæнæн ис æмæ йын зиан ратта, зæгъæм: æрлæууыд йæ пенси/социалон пакет, ма спада кæна аккаг хоскæнынæй/хъæугæ медикаметтæй æмæ а. д.     

 

Чи ис гæнæн æмæ уа гоймаджы рæстæгмæ æххуысгæнæг?

Уыцы гоймæгтæ, кæцытæ сæйрагæйдæр æххусгæнæгæй гæнæн ис нысангонд æрцæуой – æххуысæн нымаинаг гоймаджы бинонты уæнг, хæстæг, æввахс-хион кæнæ специалист.