Top

Юридикон нысаниуæгы уæвæг факт

ონლაინ დახმარება

 

Юридикон нысаниуæгы уæвæг фактты сбæлвырд кæныны тыххæй хъуыддæгты равзардзæн тæрхонгæнæг кæнæ тæрхондоны аккаг гæс.

 

Цы цауы бæлвырд кæны тæрхонгæнæг юридикон нысаниуæг уæвæг фактты?           

Тæрхонгæнæг юридикон нысаниуæг уæвæг фактты бæлвырд кæны æрмæст уыцы цауы, кæд ацы фактты бæлвырдгæнæн документты æндæр æгъдауæй райсын кæнæ сæфт документты сног кæныны фæрæз нæй.   

 

Юридикон нысаниуæгы уæвæг кæцы фактты равзардзæн тæрхонгæнæг æнæмгъуыд кондады уагæй?

Тæрхондон бæлвырд кæны уыцы фактты, кæцытыл у баст æмбæстæгты æмæ организа­циты хисæрма­гонд кæнæ исадон барты фæзынд, фæивын кæнæ скуынæг кæнын. Сæрмагондæй, хъуыддæгтæ:

  • Гоймæгты хæстæгон бастдзинады сбæлвырд кæныны фæдыл; 
  • Гоймаджы даринагыл уæвыны фактты сбæлвырд кæныны фæдыл; 
  • Фыдиуæг сбæлвырд кæныны, æмкъайады, ахицæны (лæг æмæ ус), номы кæнæ/та мыггаг фæивыны регистрацийы кæнæ кæнгæ хъæбулы фактты сбæлвырд кæныны фæдыл; 
  • Барады бæлвырдгæнæны документы уыцы гоймагы ‘рдæм æмбæлгæ факты сбæлвырды тыххæй, кæцыйы ном, фыды ном кæнæ мыггаг, кæцы ис документты нысангонд, нæу æмхуызон йæ паспорты кæнæ йæ райгуырды æвдисæндары фыст номимæ, фыды номимæ кæнæ мыггагимæ;
  •  Бындардзинады райсыны факты æмæ бындардзинады байгом кæныны бынаты сбæлвырд кæныны фæдыл.

 

Кæцы тæрхондонмæ хъуамæ хаст æрцæуа курдиат  юридикон нысаниуæг уæвæг фактты сбæлвырд кæныны фæдыл? 

Курдиат  юридикон нысаниуæг фактты сбæлвырд кæныны фæдыл хъуамæ хаст æрцæуа тæрхондонмæ курдиат бадæттæджы цæрæн бынатмæ гæсгæйæ.

 

Цавæр мидисимæ хъуамæ уа курдиат  юридикон нысаниуæг уæвæг фактты сбæлвырд кæныны фæдыл? 

Курдиаты хъуамæ фыст уа, цы нысанæй хъæуы курдиат бадæттæджы ацы факты сбæлвырд кæнын, афтæ ма, хъуамæ бавдыст уа, бæлвырдгæнæнтæ, кæцытæ бæлвырд кæнынц курдиат бадæттæджы ‘рдыгæй аккаг документты райсын кæнæ сæфт документ­тæн ногæй райсæн кæй нæй гæнæн, уый

Курдиат  гæнæн ис фыст кæнæ мыхуыр æрцæуа курдиат бадæттæджы фæндонмæ гæсгæйæ æмæ йæ нæ хъæуы исты сæрмагонд формæйы байдзаг кæнын.

 

Цавæр документ хъуамæ уа æвдыст барады бæлвырдгæнæн документы гоймаджы­рдæм химæ æмбæлыны  факты сбæлвырд кæныны цауы, документы амындгонд ном, фыды ном кæнæ мыггаг нæу æмхуызон гоймаджы райгуырды æвдисæндары кæнæ паспорты амындгонд бæрæггæнæнтимæ?

Ахæм цауы хъæугæ у курдиатимæ иумæ хъуамæ бавдыст уа: райгуырды  æвдисæндар æмæ йæ ксерокъопи; Гуырдзыстоны æмбæстаджы паспорт (гоймагон бæлвырдгæнæн) æмæ йæ ксерокъопи ; документ, кæцыйы бæрæггæнæнтæ не сты æмхуызон гоймаджы гуырæны бæлвырдгæнæны кæнæ паспорты амынд бæрæггæнæнтимæ; афтæма æмбæлон органы (зæгъ. социалон лæггæдты агентады, æмбæстагон кæнæ æхсæнадон реестры) нæ зæгъын документы уæвæг рæдыды сраст кæныныл, паддзахадон илци фидыны бæлвырдгæнæн квитанци, иуæй-иу цауы æнæмæнгхъæугæ у æмкъайады бæлвырдгæнæны æмæ йæ ксерокъопийы бавдисын, афтæ ма æвдисæнтты нæмтæ зæгъын.

Цавæр документтæ хъуамæ æрцæуой бавдыст бындардзинады райсыны факты æмæ бындардзинады байгом кæныны бынаты фæдыл юридикон факты сбæлвырд кæнынæн?

Банысангонд цауы курдиатимæ иумæ бавдыст хъуамæ æрцæуа: амæлæджы мæлæты бæлвырд­гæнæн æмæ йæ ксерокъопи; бынæттон хæдхицауиуæгады органы ‘рдыгæй лæвæрдгонд æвдисæндар бындарон исады фактивонæй райсты бары сбæлвырдгонды фæдыл. Кæд курдиатбадæттæг ахæм æвдисæндары нæ бавдисдзæн, уæд уымæн йæ бон у бавдиса исады къухдариуæджы бæлвырдгæнæг ахæм документты, цахæм у ацы исадыл коммуналон налог æмæ æндæр хуыз фиддонты фидыны квитанцитæ æмæ а. д. (уыдоны уæвынады цауы, æрмæст æвдисæнтæй дæр гæнæн ис бæлвырдгонд æрцæуа исады фактивон хицауы), гоймаджы бæлвырдгæнæны къопи, бындаримæ уæвæг хæстæгон бастдзинады бæлвырдгæнæг дæкументтæ (райгуырды æвдисæндар, æмкъайады æвдисæндар æмæ æнд.), паддзахадон налогты фидыны бæлвырдгæнæн квитанци, нотариусы скъуыддзаг нотариалон архайддзинады сæххæст кæныныл нæ зæгъыны тыххæй.

Хъæугæ у æви нæ интересгæнæг гоймæгты æрхонын юридикон нысаниуæджы уæвæг факты бæлвырдгæнгæйы?   

Юридикон нысаниуæджы уæвæг факты бæлвырдгæнгæйæ тæрхондон хоны ацы хъуыддаджы равзарынмæ интересгæнæг гоймæгты (гоймæгты, кæцыйы закъонон интерестæм дæр хауы хъуыддагыл райсгæ скъуыддзаг).

Цас у паддзахадон налогы бæрцад æмæ цавæр цауы ссæрибаргонд цæуы курдиатбадæттæг йæ бафидынæй?

Цæйасдæр юридикон нысаниуæджы уæвæг факты сбæлвырды фæдыл курдиат æмбæлы магистрат тæрхондоны хъуыддаг равзарынмæ, фидинаг паддзахадон налог æмбис  кæны æмæ у 25 ларийы.

Паддзахадон налог фидинагæй гоймаг ссæрибаргонд цæуы, кæд:

  • Уый регистрацигонд у социалон æнæхъахъхъæд гоймæгты регистрацийы бæрæг­гæнæнты иумæйаг базæйы æмæ исы æххуысы; 
  • У цыбыр фадæтты статусы уæвæг гоймаг; 

Банысангонд уавæрты бæлвырдгæнæг документтæ хъуамæ бавдыст æрцæуой курдиатимæ иумæ.   

Куыд саразæм, кæд гоймагæн тæрхондоны скъуыддзагæй нæй загъта юридикон нысаниуæджы уæвæг факты сбæлвырд кæныныл?  

Тæрхонгæнæджы ‘рдыгæй райсгæ скъуыддзаг юридикон факты сбæлвырд кæныныл нæй зæгъыны фæдыл гæнæн ис хъаст бадæттай апеллацион æгъдауæй 14 боны æмгъуыдмæ, фæлæ тæрхондоны аккаг гæсы (магистр) ‘рдыгæй рахæсгæ скъуыддзагыл гæнæн ис бахъаст кæнай уыцы тæрхондонмæ хъасты бахасты фæндагæй, фарсæн бæлвырдгæнинаг скъуыддзаджы раттынæй 10 боны æмгъуыдмæ.  

Кæдæм хъуамæ æрцæуа бавдыстгонд тæрхондоны скъуыддзаг юридикон нысаниуæджы уæвæг факты сбæлвырд кæныны фæдыл?   

Тæрхондоны скъуыддзаг юридикон нысаниуæджы уæвæг факты сбæлвырд кæныны фæдыл бавдыст хъуамæ æрцæуа æмбæлон органмæ (нотариусмæ, æхсæнадон реестрмæ æмæ æнд.), уымæ гæсгæйæ, æмæ цахæм хуыз юридикон нысаниуæджы факты сбæлвырд кæнын æрцыд бындурæн æвæрд ацы скъуыддзаджы.